Фыстуац
Æз ног терминты æрымысыны ныхмæ нæ дæн, „статьяйы“ бæсты исты куы ссариккам, уæд хорз уаид, фæлæ „фыстуац“ фыст уацы йеддæмæ цы у? Стæй æрмæстдæр иу дзырдуаты ис ацы дзырд, ирон корпусы та æппæндæр нæй, ома нæ ныффидар и „фыстуац“. Чи зоны æмæ хуыздæр исты ссарæн и? Хуымæтæджы „фыст“ кæнæ „уац“, кæд дырыс не сты, уæддæр „фыстуац“-æй хуыздæр кæсынц. Amikeco (talk) 19:26, 27 May 2012 (UTC)
Раст зæгъыс. Фыстуацæй цы нæ цыд мæ зæрдæмæ, уыдон ранымадтай. Мæн уый фæнды, цæмæй цас нæ бон у, уыййас литературон æвзагмæ ввахсдæр уа, æмæ цас нæ бон у, уыййас цъусдæр æрбайсгæ ныхæстæй архайæм. Уыцы дыууæ принципмæ мын фыстуац сбæззыдис. Фæлæ уац мæ сæры дарддон, æмæ мæ зæрдæмæ фылдæр цыдис. Кæд уацы ныхмæ нæ дæ, уæд æй уацæй сæвæрæм. Уац дзырдуаты кæй нæй, уый нæ бон у сраст кæнын афтæ: цыфæнды фыстуацдæр уац у. => цыфæнды статьядæр уац у.
Дызæрдыг кодтон, æмæ Википедийы æхсæнады хъуыды бафарстон, фæлæ ницы дзуапп райстон.