Imperative in option messages?
Дискусситы мын куыд ынчондæр у афтæ фыссын. Орфографийы æгъдæуттæ ис литературон ывзагæн, къуыдайрагæн нæй. Къуыдайрагау "æмæ" фылдæр "мæ" у, мæ ма раззаг "æ-" арæх фесæфы. Кæд тæлмашты аивæрзынч, уæд растгæнинаг сты. Зæгъæм "Байдау" куы сраст коттай.
Ирон инфинитив тынг фидар у. Мæ джы тынг арæх пайда кæнынч. Кæд уырыссагæй гыццыл хишæн кæны, уæд Немцаг мæ Голландаг инфинитивæй нишæмæй хишæн кæны куыд джы архайынч умæй.
>>Ирон инфинитив афтæ хорз нæ бæззы
Шæмæй йæ бафидар кæнджæ дæ ныхас? Ыз мæ ныхæстæ алыхаттдæр фæфидар кæнын.
Цы фидарæй дæ уырны, уымæй йæ фидар кæныс. Æз та алы хатт гуырысхо кæнын, ног хъуыддаг у æмæ бæрнон этапы стæм, райдайæм ног традици.
Несколько разных переводчиков предпочитали императив в интерфейсах, поэтому решение не видится мне таким уж однозначным. Если возникнет согласие по вопросу, поменяем везде; для меня лично не проблема привыкнуть к чему угодно — мæхи вики куы нæу; стæй бирæ азты дæргъы мæ бæллиц уыд, цæмæй æндæр адæймæгтæ йæм зилой мæнæй хуыздæр. Хуыцауæн табу, ахæм рæстæг дæр æрцæуы.